
Республикон политикон парти «Иугонд Ирыстон» - ы сӕргълӕууӕг Бибылты Ацӕмӕз Доныскъӕфӕны бӕрӕгбоны цытӕн арфӕ кӕны Республикӕйы цӕрджытӕ ӕмӕ ӕппӕт дунейы алы къуымты цӕрӕг ирон адӕмӕн.
«Абон Доныскъӕфӕнтӕ сты ӕмӕ доны бардуагӕй фӕдзӕхст фӕуӕт ирон адӕм иууылдӕр. Доныскъæфæнтæн рагзамантæй фæстæмæ нæ фыдæлтæ стыр аргъ кодтой. Æртæ чъири дæр хур, зæхх æмæ доны номыл сты, Хуыцау æмæ йæ зæдтæм уыдонæй бакувæм. Сæ тых æгæрон у æмæ донау фидар уæт нæ Ирыстон. Донау рæсугъд уæт нæ адæмы цард æмæ удыгъæд, донæй цух макуы уæт Ирыстоны зæхх æмæ уæ алкæй хæдзары дæр Доныскъæфæны бæрæгбоны хорзæхтæ уæнт», - дзырдæуы Бибылты Ацæмæзы арфæйы.