
Зæрдæбынæй уын арфæ уын кæнын ирон æвзаг æмæ литературæйы боны сæраппонд! Абон мах нысан кæнæм ахсджиаг æмæ нысаниуæгджын бæрæгбон. Махæй алкæмæндæр, йæ адæмы истори зынаргъ кæмæн у, йæхи Ирыстоны хайыл чи нымайы, ацы бæрæгбон бæлвырд кæны мадæлон æвзагмæ аудгæ ахаст дарыны æнæмæнгхъæуындзинад.
Ацы бæрæгбон зынаргъ у, Ирыстоны зæххыл чи райгуырд æмæ схъомыл, чи йæ нымайы йæ райгуырæн бæстæйыл, нæ адæмы бирææнусон истори зынаргъ кæмæн у, уыдонæй алкæмæн дæр.
Дунейы зындгонд ахуыргонд Абайты Васойы ныхæстæм гæсгæ, национ хиæмбарынад æнæфæхицæнгæнгæ у национ æвзагæй æмæ кæцыфæнды æвзаджы мæлæт дæр нысан кæны адæмы, куыд сæрмагонд этносы, мæлæт: «Хъуымæ алчидæр æмбара: æв-заджы фесæфт у адæмы фесæфт. Нæй æвзаг нæй адæм».
Цытджын хæлæрттæ! Ацы нысаниуæгджын бон зæрдиаг арфæтæ æз æрвитын, ирон культурæ æмæ ирон ныхас зынаргъ кæмæн у, æппæт йæ тыхтæ, йæ зонындзинæдтæ æмæ фæлтæрддзинад йæ райрæзтæн чи дæтты, æппæт уыдонмæ.
Уарзут æмæ хъахъхъæнут мадæлон æвзаг! Нæ мадæлон æвзаг æмæ литературæйы хъысмæт махæй алкæмæй кæнгæ у.
Мæ зæрдæ уын зæгъы сабырад, хæрзиуджытæ æмæ фæрныгад.
Республикон политикон парти «Иугонд Ирыстон»-ы сæрдар, Парламенты депутат Бибылты Ацæмæз