Зынаргъ æмбæстæгтæ!
Абон Ирыстоны алы къуымты дæр нысан кæнынц ирон æвзаджы бон, æмæ уын зæрдæбынæй арфæ кæнын ацы ахсджиаг боны цытæн!
Ирон æвзаг историйы дæргъвæтин фæзилæнты уæззау æмæ зын фæндæгтыл рацыд. Не знæгтæ æнусты дæргъы архайдтой йе скуынæг кæныныл. Йæ сæрвæлтау чи тох кодта, уыдоны карзæй æфхæрдтой, сырдтой сæ Ирыстоны зæххæй, мардтой сæ. 90 азты хæдбардзинад кæй расидтыстæм, уымæн йæ сæйраг аххосæгтæй иу уыдис, не взаг нын кæй истой, тыхæй нæ гуырдзиаг æвзагмæ кæй кодтой. Фæлæ уæддæр ирон æвзаг бафæрæзта йæ бирæ фыдæвзарæнтæн, ирон адæм слæууыдысты сæрибары фæндагыл, цæмæй бахъахъхъæдтаиккой сæ мадæлон æвзаг, нæ фыдæлтæ нын æнусты арфæй кæй æрхастой, уыцы хъæздыг æвзаг. Æнæ ирон æвзаг нæ уыдзæн ирон æгъдау, ирон фарн. Ирон æвзаг у нæ хæзна, æмæ уыцы хæзна нæ къухæй куыд никуы ахауа, ахæм амонд нæ уæд, зынаргъ ирон адæм!
Ахсджиагыл нымайын, Цæгат Ирыстоны цæрæг бирæ ирон мыггæгты минæвæрттæ кæй домынц, цæмæй ист æрцæуа закъон паддзахадон æвзæгты тыххæй, цы ран ирон æвзагæн хъуамæ уа ахсджиаг бынат. Уырны мæ, Цæгат Ирыстон-Аланийы Парламенты депутаттæ зæрдиагæй кæй бакусдзысты ацы вазыгджын фарстыл, æмæ ирон æвзаг Ирыстоны дыууæ хайы дæр кæй сфидар уыдзæн, уый.
Абон мæ уæлдай зæрдиагдæрæй раарфæ кæнын фæнды, ирон æвзаг чи размæ кæны, уыдонæн: ахуыргæндтæн, ирон æвзаджы ахуыргæнджытæн, театртæ, радио, газеттæ, журналтæ, телеуынынады кусджытæн, сæ æнувыд æмæ иузæрдион куысты тыххæй!
Зынаргъ æмбæстæгтæ, уæлахиз уæд нæ рæсугъд æмæ хъæздыг мадæлон æвзаг, чи йæ размæ кæны, æмæ йыл дзуры, уыдонимæ!