
Абон у Згъудеры Уастырджийы дзуары бон æмæ уæ йæ хорзæх уæд!
Нæ фыдæлтæ рагæй фæстæмæ дæр кувæг адæм уыдысты. Куывтой Стыр Хуыцаумæ, зæдтæм æмæ бардуæгтæм. Абон дæр сæм кувæм, табу сын кæнæм. Мах хæсджын стæм уыцы æгъдæуттæ æххæст кæнæм, цæмæй сæ кæстæртæ уыной æмæ сæ уыдон дæр æххæст кæной. Рæсугъддæр æмæ хуыздæр цы хистæр ракува, кæй куывд айсой Хуыцау æмæ Уастырджи, уымæй уæ алчидæр хайджын уæд! Нæ гыццыл Ирыстон амондджын, фæрнæйдзаг куыд уа, æртыгай уæлибæхтæй куыд кувæм, дунейы фарн ахæм хорздзинад раттæд нæ дзыллæйæн!
Амондджын бæрæгбæттæ не ‘ппæтыл дæр цæуæд! Згъудеры дзуары хорзӕхӕй хайджын ут!
Политикон парти «Иугонд Ирыстон»-ы сæргълæууæг, РХИ-ы Парламенты депутат Бибылты Ацæмæз