
Республикон политикон парти «Иугонд Ирыстон»-ы сӕрдар Бибылты Ацӕмӕзы Ногазон арфӕ
Зынаргъ æмбæстæгтæ!
Тагъд йæ барты бацӕудзӕн Ног, 2024 аз. Афæдзы кæрон мах балхынцъ кӕнӕм азы сӕйрагдӕр цаутӕ, цы нын бантыст саразын, уыдон ӕмӕ дарддӕр хъуыды кӕнӕм ног фæндтыл. Ног азы бæрæгбонмӕ дарӕм уæлдай хъармуддӕр ӕмӕ аивдӕр ахаст. Ног азы ӕхсӕв нын уӕлдай хатт бауырнын кӕны алкæмæй зынаргъдæр ӕмӕ нын уарзӕгойдӕр ахаст кӕй ис нӕ бинонтӕм.
Цалдӕр сахат ма хӕуы ӕмӕ æрбалæудзæн Ног аз.
Цæй, кæрæдзийæн схæлар кæнæм уарзт æмæ амонды фæндиæгтæ! Уадз, æмæ сæххæст уæнт уæ иууыл сыгъдӕгдӕр ӕмӕ нысаниуӕгджындӕр бӕллицтӕ! Æрбалӕугӕ азы хорзæх дæ уæд, мӕ Ирыстон! Мæ зæрдæ дын зæгъы уæлахиздзинад æмæ сабырад, уадз ӕмӕ цъӕх арвы бын дидин кал! Алчидӕр нӕ ӕппӕты фыццаг йӕ бинонтӕн курдзӕн хӕрзтӕ, ӕмӕ уӕ куывтытӕ фехъуысӕнт Хуыцаумӕ. Уӕ хистӕртӕ ӕнӕниз уӕнт, уӕ кӕстӕртӕ та ӕнтыстджын. Мæ зынаргъ æмбæстæгтæ! Цардифтонг ут ӕнæниздзинад, фарн æмæ уарзондзинадæй йемыдзаг уæнт уæ хæдзæрттæ!
Ног, 2024 азы хорзæх уæ уæд!