
Зынаргъ æмбæстæгтæ!
Зæрдæбынæй уын арфæ кæнын Джеоргуыбайы кадджын бæрæгбоны фæдыл! Ацы бæрæгбоны алы ирон хæдзары дæр, алы бинонтæ дæр бацархайынц кадджын уавæры скæныныл. Уый нæ адæмæн у æнусон фæтк, фæлтæрты бæттæг, иугæнæг.
Ацы кувæн къуырийы мах нæхи бафæдзæхсæм Хуыцауыл æмæ Уастырджийыл, цæмæй зæххыл уа сабырдзинад, адæмтæ цæрой хæларæй, уарзонæй, рæстæй, цæмæй алкæй фæндаг дæр уа рæсугъд.
Уастырджи хъахъхъæнæг уæд нæ Ирыстонæн, æнгомдæр нæ кæнæд, цæмæй рæстæджы тыхстдзинæдты сæрты æнтыстджынæй хизæм, цæмæй нæ нысæнттæ къухы æфтой! Æппæт Ирыстоны адӕмӕн æрхæссæд æнæниздзинад, хæлардзинад, циндзинад æмæ амонд! Царды рæсугъд фæндæгтыл цæугæйæ, фыдбылызæй хызт ут!
Уастырджийы фæдзæхст ут кæддæриддæр!
РПП «Иугонд Ирыстон»-ы сæрдар, РХИ-йы Парламенты депутат Бибылты Ацæмæз